Ног Корнавирусы (COVID-19) тыххæй сбæлвырдгонд фактæм гæсгæ гоймаг хиизоляцийы бахаугæйæ хъахъхъæд хъуамæ уой ахæм уагæвæрдтæ:
а) изоляцийы уæвынад низфæзынды расайæг экспозицийы фæстаг бонæй 14 боны дæргъы æмæ сæрмагонд æнæниздзинад контоль кæнын;
б) хиизоляцийы тыгъдады тобæгонд у визиторты æмæ уазджыты райсын;
в) уагъд цæуы æнæкомкоммæ контактæй хæлцадон продуктæ дæттын;
г) цæрæн тыгъдады æндæр адæймæгтимæ контакт минималон хъуамæ уа. 1 метрæй æввахсдæр контакт 15 минутæй фылдæр нæй гæнæн.
д) изоляцийы периоды хицæнгонд мигæнæты (агуывзæ, тæбæгъ, уидыг æмæ а.д), хисæрфæны æмæ сынтæджы уæвынад;
е) телефонон бастдзинад æмæ интернетæй пайдакæнынад арæнгонд нæу;
з) хиизоляцийы периоды рæстæджы æхсæнадон æнæниздзинады æмбæлон уагдæттæ ауаддзысты мониторинг. Æнæниздзинады мониторинг гæнæн ис уагъд æрцæуа æвæрцон контакты æдде – температурæйы йæхи сбарстæй, симптомты фæзынгæйæ – йæхи хыгъдлæвæрдæй;
и) тæвддзинады кæнæ та респираторон вирусон инфекцийы ‘нгæс клиникон нысæнтты цауы, инфекцион профилы стационармæ æвæстиатæй фехъусын кæнын;
к) æнæхæцгæ низфæзынды (зæгъ., хирургон, гинекологион æмæ æнд.) тагъд стационарон медицинон æххуысы хъæугæйы цауы, клинникамæ транспортиркæнынад æххæст æрцæудзæн специалон автотранстортæй, æмæ стационары схуыссын кæнын боксиронгонд палатæйы изоляцион периоды æмгъуыды аивгъуыдмæ;
л) тамакойы, алкоголы æмæ æндæр буаргъæдты пайда кæнынæй хи фæуромын;
м) царды æнæниз æгъдауы хъахъхъæнын – æнæниз хæринаг, улæфт, физикон активонад æмæ социалон контакт пайда кæнын зынрагъ адæймæгтимæ; хæдзары æмæ телефонæй кæнæ элктронон постæйæ бинонты æндæр уæнгтимæ æмæ хæлæрттимæ контакт.
Кæд изоляцийы уæвæг гоймаг кусгæ кæны, Гуырдзыстоны оккупацигонд территоритæй у лигъдон, Куысты æнæниздзинады æмæ социалон хъахъхъæды министрад æххæстбарджын у, ахæм гоймæгтæн, æркуырды цауы, раттой ахæм бæрæггæххæт, кæцыйæн уыдзæн рынчындоны ратгæ медицинон гæххæтты ахадынад.